Фыццаг хатт республикӕйы Парламенты депутатты хъӕппӕрисӕй арӕзт ӕрцыд диссаджы цымыдиса...
Фыццаг хатт республикӕйы Парламенты депутатты хъӕппӕрисӕй арӕзт ӕрцыд диссаджы цымыдисаг мадзал - поэтикон изӕр "Закон и творчество". Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыдон канд закъоны фарстатыл кусынӕй уӕлдай уарзынц литературӕ дӕр, бакастысты сӕ уарзон фысджыты ӕмдзӕвгӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ацы хъуыддаг сӕрӕвӕрӕн фӕуа иумӕйаг литературон-музыкалон изӕртӕн. Иу фӕзы зӕлдзысты хицауады ӕмӕ дзырдаивады дӕсныты арӕхстдзинад ӕмдзӕвгӕ бакӕсынӕй. Уый тынг хорз кӕй сахаддзӕн фӕлтӕрты ӕргом литературӕмӕ раздахыныл, уый дызӕрдыггаг ӕппындӕр нӕу! Мах дӕр нӕ хъус дардзыстӕм ацы хъуыддаджы рӕзтмӕ дарддӕр!