🎉Ӕрыдоны Сӕйраг районы чиныгдоны сывӕллӕтты хайады ацыд ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы Бо... — 16 мая 2026 г. в 13:02:39.018
🎉Ӕрыдоны Сӕйраг районы чиныгдоны сывӕллӕтты хайады ацыд ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы Боны фӕдыл ирд ӕмӕ зонӕн мадзал «Не взаг —нӕ хӕзна». ✨ Бӕрӕгбоны программӕ сӕрмагондӕй бацӕттӕ кодтой сывӕллӕтты рӕвдауӕндон №3 «Тымбылӕг» - ы хистӕр ӕмӕ цӕттӕгӕнӕн къордты хъомылгӕнинӕгтӕн ( ирон ӕвзаджы хъомылгӕнӕг Байсӕгъурты М. К.). ✨ Сабитӕ стыр цымыдисӕй базыдтой республикӕйӕн уыцы ахсджиаг боны историйы тыххӕй, стӕй сӕрыстырӕй азарыдысты цӕгат Ирыстон - Аланийы гимн. 🎶 Мадзалы азӕлыдысты ӕмдзӕвгӕтӕ ирон ӕвзагыл, сывӕллӕттӕ зарыдысты зарджытӕ, кафыдысты ӕмӕ зӕрдиагӕй зонгӕ кодтой чингуыты равдыстимӕ, уым ӕвдыст ӕрцыдысты ирон фысджыты ӕмӕ поэтты хуыздӕр уацмыстӕ сывӕллӕттӕн.📚 📎 Ахӕм фембӕлдтытӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс сты сӕ рагбонтӕй фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕйы культурӕ ӕмӕ традицитимӕ зонгӕ кӕнынӕн, рӕзын кӕнынц кӕсыны уарзондзинад ӕмӕ мадӕлон ӕвзагӕн аргъ кӕнын. ✨ Арфӕ кӕнӕм ӕппӕт архайджытӕн дӕр сӕ диссаджы зӕрдӕйы уаг ӕмӕ активон архайды тыххӕй! #детскийотделбиблиотекиардон

