Кировы хъӕууон чиныгдон баиу ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы Бон бӕрӕг кӕныныл. — 16 мая 2026 г. в 07:17:27.687
Кировы хъӕууон чиныгдон баиу ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы Бон бӕрӕг кӕныныл. 15 майы Кировы хъӕууон чиныгдоны уыдис сӕрмагонд атмосферӕ: ам бӕрӕг кодтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы Бон. Чиныгкӕсджытӕн арӕзт ӕрцыд, мадӕлон ӕвзагыл ӕмдзӕвгӕтӕ кӕм хъуыстысты, ахӕм кӕсджыты конкурс «Не взаг - нӕ хӕзна». Уый уыд дзырды ӕцӕг бӕрӕгбон, алкӕмӕн дӕр йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, куыд ахсджиаг у хи культурӕ хъахъхъӕнын ӕмӕ уарзын. Конкурсы уӕлахиздзаутӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты кады гӕххӕттытӕй.

