📖 "Ирон æвзаг мæ рухс бæллиц, мæ цин дæ, — 16 мая 2026 г. в 09:07:44.050
📖 "Ирон æвзаг мæ рухс бæллиц, мæ цин дæ, Ирон æвзаг - мæ судзгæ уарзт, мæ мæт!" 📖 15 майы Цæгатæй Хуссармæ бæрæг кæнынц ирон æвзаджы бæpæгбон. Нæ фыдæлтæ нын ныууагътой хъæздыг æмæ рæсугъд æвзаг. Саби йæ фыццаг къахдзæвтимæ цы дзырдтæ фехъусы, уыдон вæййынц мадæлон æвзагыл. ✅ Нартыхъæуы чиныгдоны арæcт æрцыд мадзал "Цæpæд ирон æвзаг æнустæм!". Мадзалы ныхас цыд - абон ирон адæмæн ахсджиаг дæp чи у уыцы фарстайыл, ирон æвзаджы хъысмæтыл. Куыд хъуамæ 'руадзæм мах ирон адæм нæ мадæлон æвзаг сæфты къахыл æрлæууа: Нарты кадджытæ цы æвзагыл фыст сты, Къостайы æнæмæлгæ " Ирон фæндыр"-ы æвзаг, нæ хъæздыг адæмон сфæлдыстады æвзаг. 📖 Мадзалы архайджытæ аив бакастысты æмдзæвгæтæ, чиныгдоны арæст æрцыд чингуыты афæлгæст " Не' взаг - нæ xæзна! ". ✅ Мадзалы архайджытæ æpцыдысты ахæм хаццæгмæ: алцыдæp apaзгæ у нæxицæй, бавналæм иумæ æмæ сисæм ирон æвзаг бæpзонд къæпхæнмæ!

