Фарн уæм бадзурæд, мæ хъæубæcтæ,
Фарн уæм бадзурæд, мæ хъæубæcтæ, Фæрнæйдзагæй цæрут! Фæрнджын, амондджын уæ бинонтæ, Фарнимæ yæ фæндæгтыл бирæ азты цæyт. Нæ уарзон хъæу, æрттив нын куыд стъалы, Рæсугъдæй-рæсугъдæр нын кæн! Куырыхон хистæртæ æрцардис нæ хъæуы, Куы райхъуыст фыццагдæр дæ ном. Фыццæгтæ куы `рцардысты хъæуы, Скодтой йын уагæвæрд, æгъдау, Йæ бынат амондджын, йæ уынгтæ та - диссаг, Йæ адæм цæстуарзон æмæ рæдау. Цыбыр рæстæг рацыд, фæзынд дзы колхозтæ, Фæллой кодтой адæм, нæ зыдтой фæллад. Цыдысты сæ куысты сæ астæу ерыстæ, Фылдæр цæмæй сисой фæззæджы бæркад. Иу хъæуæн цыппар колхозы сты бирæ, Рахастой уынаффæ — баиу сæ кæнæм. Скодтой сæ иу, Сталины номыл, Цæмæй цардимæ иумæ æмкъахдзæф цæуæм. Йæ сæргъы æрлæуыд уæздан лæг, куырыхон, Йæ мыггаг Гуыбиатæй, йæ ном та Ислам. Фæзынд ма дзы ноджы куыстуарзаг фæсивæд, Абон дæр сын мысæм нæ хъæуы сæ ном. Рæстæг йæхионтæ домы, Нæ лæууы иу ран æнцад. Сæрæн адæм æрцардис нæ хъæуы, Айхъуыст сæ хорзы кой дард. Сæ зæрдæтæ рухс кодтой сæ куыстæй, Нæ ауæрстой сæ хъарутыл æппын. Сæ хæстæ æххæст кодтой дывæртæй, Райдыдтой хуыздæр цардæй цæрын. Сæ хорзы куыст айхъуыст нæ бæстыл, Фæхæццæ Мæскуымæ дæр тагъд. Стæм абон сымахæй сæрыстыр, Кæндзыстæм уын дарддæр дæр кад. Арфæйы фыстæг сæрвыста Сталин, Бузныг зæгъынмæ Калинин ссыд. Уыцы цæстæнгасыл кодтат уæлдай цин, Царды бæрзæндтæм фæтагъддæр уæ цыд. Куы ссыд Калинин Ирыстонмæ, Куы федта нæ хæхтæ, нæ бæркадджын зæхх. Фæцыдысты тынг æгъдæуттæ йæ зæрдæмæ, Куы рахастой йæ размæ æртæ чъири æд физонæг, æд цæхх. Аив арфæ ракодта уазæг фысымтæн: «Амондджын ут, Иры адæм, Уæ куысты уæд бæркад! Бирæ уæм ис лæгдзинæдтæ, Дæргъвæтин уæд уæ цард! Арфæйы аккаг стут, Иры адæм, дзæбæх уæ цард цæуæд! Фæзминаг уæ æгъдæуттæ, æвæрут сæ бæрзонд. Уæ зæрды ис рæсугъд фæндтæ, макуы кæнæнт зæронд. Тагъд сæ царды фендзыстут, куы уат сымах æмзонд». Ахуыдтой уазæджы хуыздæр хъæутæй иумæ, Фена, куыд цæуы колхозонты цард. Фарныхъæуы хистæртæ ракодтой йын арфæ, Дæ сæмбæлдæй бузныг, фæхуыздæр ис уымæй Ирыстоны кад. Адæм цин кодтой Цæдисы хæрзтыл, Уыдысты зæрдæрухс, сæ райсом — хуыздæр. Фæлæ куы райдыдтой цыппорæм азтæ, Бæстæйы уавæр ссис уæд æвзæр. Куы райдыдтой уыцы æнамонд азтæ, Фашисттæ куы ракъахтой Цæдисæй хæст. Бирæ фæсивæд Фарныхъæуæй ацыд, Æмхуызонæй кодтой сæ хæстæ æххæст. Цыппарсæдæ фæндзай хæстоны ацыд, Тох кодтой, хæцыдысты, размæ бырстой. Дыууæсæдæ æртындæсæй радтой сæ удтæ, Фашистты нæ бæстæйæ дардмæ сырдтой. Уыцы æнамонд тугкалды хæсты, Нæ хъæуæй бирæтæ радтой сæ цард. Ныры онг æнæбæрæг, æнæзонгæ рæтты, Сæ уарзон Ирыстонæй баззадысты дард. Куыннæ зæгъæм бузныг хуыздæрæй хуыздæртæн, Куыннæ ссарæм абон сымахæн уæ ном. Зын уыдзæн нын царды, нæ зæрдæ æхсайдзæн, Кæндзыстæм цæрæнбон мах гъе уæд фæсмон. Хъæуы номæй абон зæгъæм уын мах бузныг, Нæ сæртæ бæрзæндты сымахæй хæссæм. Уæ сæрæн хъуыддæгтæ рох не сты махæй, Уынæм сæ нæ царды, хъуыды сæ кæнæм. ЦЪÆХИЛТЫ ДАУРБЕК.