ФӔЦӔУЫ УӔМ, ФӔХӔССЫ УЫН НЫХӔСТЫ ЦИН, НЫХӔСТЫ ФАРН!!! — 25 июня 2026 г. в 19:46:41.631
ФӔЦӔУЫ УӔМ, ФӔХӔССЫ УЫН НЫХӔСТЫ ЦИН, НЫХӔСТЫ ФАРН!!! Мыхуырӕй рацыд журнал "Мах дуг"-ы 6-ӕм номыр! 📚Ӕхсызгонӕй дзы бакӕсдзыстут Хозиты Барисы уац "Литературон критикӕ. Ис нӕм ӕви нӕй?". Ӕрмӕджытӕ йӕ райгуырды 70 азы юбилейы фӕдыл. Абайты Эдуарды ӕмӕ Фидараты Русланы ног ӕмдзӕвгӕтӕ. Битарты Маринӕйы ног радзырд "Фӕлдурӕджджын хъысмӕт". Цхуырбаты Мерийы радзырдтӕ. Ӕхсызгонӕй уӕ размӕ хӕссӕм Калманты Этерийы ног радзырд хистӕр кары журналкӕсӕгӕн "Изӕрмилты нымд зӕгъинӕгтӕ". Куыд зонут, афтӕмӕй автор ныридӕгӕн фыста ӕрмӕст кӕстӕртӕн, ныр та аргъ скӕнут йӕ ног сфӕлдыстадон фӕлварӕнӕн. 📚Номыры ма ис диссаджы очерк Социалистон Фӕллойы Хъӕбатыр, кировыхъӕуккаг Мӕрзойты Хъазыбеджы тыххӕй. Ныффыста йӕ Мурасты Риммӕ. Номыры уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы Биазырты Аллӕйы уац. Сывӕллӕттӕн замманайы ӕрмӕджытӕ. Сӕ автортӕ Дыгъуызты Зӕлинӕ ӕмӕ Берозты Аслӕнбег. 📚Уӕдӕ куыд адджынӕй мысы Хуыгаты Сергей йӕ хӕлар Малиты Васойы. Рубрикӕ "Аив дзырды хӕзнадон"-ы та дарддӕр мыхуыр кӕнӕм Гусалты Барисы ӕрмӕджытӕ - дунеон литературӕйы классикты тыххӕй ӕвзӕрст ӕрмӕг ирон ӕвзагмӕ тӕлмацӕй. 📚Журнал байгом не 'мдугон, ӕхсӕнадон змӕлд "Иудзинад"-ы ӕвзӕрст лӕг Туаты Аланы хъуыдытӕй. Фӕрнӕй кӕсут уӕ уарзон ирон журнал!

