Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн парчы фӕзынд ног хӕрзаив скульптурӕ "Чиныгкӕсӕг лӕп... — 4 июля 2026 г. в 17:31:30.100
Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн парчы фӕзынд ног хӕрзаив скульптурӕ "Чиныгкӕсӕг лӕппу"! Сарӕзта йӕ РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгӕнӕг Хайты Ибрагим. Арӕзт ӕрцыд ӕнӕзонгӕ хӕрзгӕнӕджы ӕрхъуыды ӕмӕ дзыппы бӕркадӕй. Йӕ ном ӕй нӕ бафӕндыд схъӕр кӕнын. Йӕ нысан та у, цӕмӕй уыцы дзӕбӕх лӕппумӕ кӕсгӕйӕ, нӕ кӕстӕртӕ разӕнгард кӕной чингуытӕ кӕсынмӕ, бафӕзмой йӕ ахуыр кӕнынмӕ! Журнал "Мах дуг" ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ бузныг зӕгъынц Ибрагим ӕмӕ ӕнӕзонгӕ хӕрзгӕнӕгӕн! 📷къамтӕ систа Букуылты Андрей

