Ирыстонмӕ ӕрыхъуыст уӕззау хабар. Йӕ цардӕй ахицӕн Уӕрӕсейы Федерацийы адӕмон нывгӕнӕг,...
Ирыстонмӕ ӕрыхъуыст уӕззау хабар. Йӕ цардӕй ахицӕн Уӕрӕсейы Федерацийы адӕмон нывгӕнӕг, Уӕрӕсейы нывгӕнынады академийы академик, ЦИПУ-йы профессор, БЕДОЙТЫ ШАЛВА. Шалвайыл цыд 85 азы. Йӕ нывтӕ сты Уӕрӕсейы ӕмӕ фӕсарӕнты аивадон музейты ӕвӕрӕнты. Райгуырд 1940 азы 15 октябры. Каст фӕцис И.Е. Репины номыл аивӕдты академи Е.Е. Моисеенкойы ӕрмадзы. Уыд Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты аивӕдты факультеты нывкӕнынады кафедрӕйы сӕргълӕууӕг. Фӕстаг рӕстӕг цард Мӕскуыйы. Йӕ мард ын ссардтой абон райсомӕй йе 'рмадзы Нывгӕнджыты цӕдисы кусджытӕ. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй амард мӕй размӕ ӕмӕ йӕ ничи базыдта. Рухсаг у, ШАЛВА...