РАЦЫД НОГ НОМЫР! — 28 июля 2026 г. в 13:52:58.980
РАЦЫД НОГ НОМЫР! Хистæртæн адджын мысинагæй баззад ивгъуыд æнусы 70-æм азты кæрон сæ уарзон, уæды рæстæджы уæлдай кадджын æмæ буц литературон журналы æддаг фæлгонц – æрвхуыз цъарыл урс хæхты халдих дамгъæтæй фыст «МАХ ДУГ». Абон дæр ма уæды журналтæ нæ къухмæ куы ‘рбахауынц кæйдæр æвæрæнтæй, уæд нæ уд уыцы хæхты цъуппыл абады. Фæлæ бирæтæ нæ зонынц, уыцы хигъæдон хуыз журнал кæй руаджы райста, уый. Фыццаджыдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, журналы цъар фæаивдæр кæнын уыд йæ уæды сæйраг редактор Цæгæраты Максимы æмæ дзы уыцы рæстæг удуæлдайæ чи куыста, уыцы фысджыты фæндон. Фæлæ йæ саразынæн хъуыд дæсны нывгæнæг, дизайнер, график, стæй ма удæй чи банкъардтаид Ирыстоны зæрдæйы цавд. Уый разынд нæ республикæйы Архитекторты цæдисы правленийы уæды сæрдар, зындгонд архитектор Гуыбаты Зауыр. Раст цыма журналы хæхты тых бацыд, уыйау уыд канд къухмæ йæ райсгæйæ нæ, фæлæ йæ дардмæ фенгæйæ дæр. Ацы аз Гуыбаты Зауыры райгуырдыл æххæст кæны 85 азы. Хъыгагæн, йе ‘нусон дунемæ цалдæр азы размæ ацыд, фæлæ уæлæуыл баззад йæ фарн.

