ӔРХӔЦЦӔ КӔНЫНЦ ӔВЗӔРСТЫТӔ! — 31 августа 2026 г. в 14:20:57.624
ӔРХӔЦЦӔ КӔНЫНЦ ӔВЗӔРСТЫТӔ! 📝Абон журнал "Мах дуг"-ы кусджытӕ базонгӕ сты Паддзахадон Думӕмӕ депутатты ӕвзӕрстыты информацион ӕрмӕджытимӕ. Ӕрдзырдтой, хъӕлӕс кӕнынӕн цы уавӕртӕ ис арӕзт, уыдоныл. 📝 Бынтон хорз та у, ӕвзарджытӕн кӕй ис фадат, кӕм сӕ фӕнды, кӕм сын ӕнцондӕр у, уым схъӕлӕс кӕнынӕн, уый! Редакцийы кусджытӕ куыд загътой, уымӕ гӕсгӕ сӕ хъӕлӕс ратдзысты, "Мыхуыры хӕдзар"-ы цы Ӕвзарӕн къамисы хайад ис (УИК 250), уым, 18 сентябры! 📝Уый тыххӕй та уал сӕ алкӕйы дӕр фыццаг бадӕттын хъӕуы курдиат Госуслугӕты, МФЦ, науӕд та Ӕвзарӕн къамисы уылты ардыгӕй 14 сентябрмӕ.

