АЛЕШЫ МЫСӔН ИЗӔР
АЛЕШЫ МЫСӔН ИЗӔР …Ехх, уæд лæджы куыд æрфæнды фæцæуын Йæ зонгæ фæз, йæ гуырæн къуым, йæ хъæумæ, Кæм мысынц дæу, Кæм дæм кæсынц æнхъæлмæ. (Гуыцмæзты Алеш) Гуыцмæзты Алеш æрмæст фыссæг нæ уыд, уый уыд Ирыстоны патриот æмæ йæ 75-азы райгуырды кадæн Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы ацыд йæ мысæн изæр. Йе сфæлдыстады цы æмдзæвгæтæ, радзырдтæ сывæллæттæн æмæ хистæр кары адæмæн, уацаутæ, романтæ ис, æрмæст уыдоныл нæ дзырдтой адæмон фысджытæ Цомартаты Изæтбег æмæ Дзасохты Музафер, литературон журнал «Мах дуг»-ы редактор Хетæгкаты Оксанæ, изæрамонæг Дзугаты Риммæ, фæлæ йæ трагикон цардæй цымыдисаг хабæрттыл, стæй адæймаджы хуыздæр æмæ рæсугъддæр миниуджытæ Алешы уацмысты цыкурайы фæрдгуытау кæй æрттивынц æмæ цыдæр сусæг тыхæй, æрдзон фæндыры зæлтау, сæхи уарзын кæй кæнынц, суадоны цæссыгау сыгъдæг зæрдæ кæмæн ис, уыцы чиныгкæсджытæн. Сæ номарæн æмдзæвгæтæ бакастысты Къадзаты Станислав, Хадыхъаты Фатимæ æмæ Цхуырбаты Сергей. Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ахуырдзаутæ бакастысты Алешы сывæллæттæн фыст æмдзæвгæтæй цалдæр. Уæлдай цымыдисаг уыд, Сохъырты Индирæ цы буктрелер сарæзта йæ роман «Матронæ»-йыл, уый. Алеш йæ цыбыр царды литературæмæ бахаста уаз хуынтæ. Ирон чиныгкæсæг рагæй зонгæ у йæ цымыдисаг уацмыстимæ: «Азарут иронау, лæппутæ!», «Уды фарн», «Матрона», «Царды зыд», «Урс фынтæ» æмæ иннæтимæ. 1992 азы Гуырдзыстоны фыдгæнджытæ Хуссар Ирыстонмæ куы ныббырстой, уæд Алеш хæцæнгарз райста йæ къухтæм æмæ тох кодта фыдызнаджы ныхмæ. Ирыстоны зæххæй бахъахъхъæдта йæ риуыйас нæ, фæлæ æгас Хуссар Ирыстоны дæр йе ՛мхуызон домбай æмæ хъæбатыр лæппутимæ. Цыдис ыл æрмæст цыппор иу азы, афтæмæй фæмард… Фæлæ йæ кады ном нæ фесæфт Ирыстоны сахъ гуырдæн. Алеш цæры æмæ цæрдзæн æнусты куыд фыссæг æмæ хæстон йæ цымыдисаг уацмысты фæрцы. #МБУКЦБСВладикавказа #ЦГБ #новинки #библиотека