РАКАЛД НӔ МӔСГУЫТӔЙ ИУ
РАКАЛД НӔ МӔСГУЫТӔЙ ИУ КЪУДУХТЫ Маринӕ Арын дзы фыссӕг Гуыцмӕзты Алешы рухс ном. Фӕмард гуырдзиаг лӕгмарты къухӕй Абон нӕ Ирыстон цуды, Ракалд та мӕсгуытӕй иу. Зӕрдӕ йӕ фыррыстӕй дуды, Кӕуындзӕг ахгӕны риу. Систа йӕ фидар къух цардыл Адӕмы уарзон хъӕбул. Кодта йӕ сагъӕстӕ дардыл, Фӕлӕ йӕм хъавыд фыдгул. Бирӕ цы дзыллӕйы уарзта, Уыдон ыл калынц цӕссыг. Иууыл сӕ стъалытыл барста, Уымӕй ӕдзух уыд хъӕздыг. Оххай! Цы Хуыцау дӕ, ракӕс! Ир ма куыд хъӕцы дӕуыл?! Цард нын, сӕрибар нын рахӕсс, Не знӕгты фесаф быныл!