Абон Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл ӕххӕст кӕны 167 азы. Иры дзыллӕ мысы йӕ рухс ном.
Абон Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл ӕххӕст кӕны 167 азы. Иры дзыллӕ мысы йӕ рухс ном. ⚜Поэты ингӕны раз республикӕйы хицауад раныхас кодтой Иры фӕтӕджы цард ӕмӕ сфӕлдыстады ахадындзинады тыххӕй. Кӕстӕртӕ йын бакастысты йе 'мдзӕвгӕтӕ. Ацы хатт дзы архайдтой скъоладзаутӕ Хуссар Ирыстонӕй дӕр. Мадзалы уыд уазджытӕ Мӕскуы ӕмӕ сыхаг регионтӕй дӕр. Цӕр нын, Къоста! Дӕ фарнӕй иууылдӕр уӕнт хайджын!