ГАЗЕТ "ТЕРСКИЕ ВЕДОМОСТИ" СБӔРӔГ КОДТА ЙӔ 15 АЗЫ!
ГАЗЕТ "ТЕРСКИЕ ВЕДОМОСТИ" СБӔРӔГ КОДТА ЙӔ 15 АЗЫ! Бӕрӕгбон уыд Национ наукон чиныгдоны. Уӕвгӕ та дыууӕ азы фӕстӕ газет "Терские ведомости" сбӕрӕг кӕндзӕн йӕ 160 азы. Йӕ фыццаг номыр рацыд 1868 азы Дзӕуджыхъӕуы. Уыд Терчы облӕсты хицауады мыхуыры сӕрмагонд фӕрӕз. Йӕ фӕстаг номыр рацыд 1917 азы 31 декабры. "Гӕххӕтт нӕм нал ис" - уыд сӕ дзуапп. Фӕлӕ йын 2011 азы радтой ног цард. Редакцийы кусджытӕн Арфӕйы фыстӕг ӕрбарвыста Сергей Меняйло, УФ-йы Журналистты цӕдисы сӕрдар Владимир Соловьев, алчер Герасим, Дзӕуджыхъӕуы наукон центры директор Цыбырты Алексей. Арфӕтимӕ ӕрбацыдысты Культурӕйы министр Гуыдиаты Батрадз, профцӕдисты сӕрдары хӕдивӕг Дзусты Аслӕнбег, профессор Цыбырты Людвиг, Парламенты депутат Андрей Попов, Терчы хъазахъхъӕгты центры сӕрдары хӕдивӕг Николай Коломыц, литературон журнал "Ирӕф"-ы сӕйраг редактор Скъодтаты Эльбрус, Хъайтыхъты Тамарӕ, ӕхсӕнадон архайӕг Лалыты Лев. Мадзал амыдта журнал "Мах дуг"-ы сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксанӕ. Нӕ зӕрдӕ сын зӕгъы бирӕ ӕнтыстдзинӕдтӕ!