Райгуырæн хъæу! Зæрватыччы спæррæстау у цыбыр дзырд, фæлæ мады номау – хъарм, фыды ном...
Райгуырæн хъæу! Зæрватыччы спæррæстау у цыбыр дзырд, фæлæ мады номау – хъарм, фыды номау – æхсызгон зæл. Æгæрон зæххыл нæй уымæй адджындæр къуым. Арвы бын фæзил, авд арвы сæрмæ стæх, стъалыты дун-дуне басгар, уæддæр не ссардзынæ райгуырæн хъæуæй рæсугъддæр æмæ уарзондæр бынат. Ирыстоны фæрнджындæр хъæутæй иу у мæ райгуырæн хъæу Фарн. Уым райгуырд нæ хъæуккаг Æмбалты Гаврил дæр. Скъола каст куы фæцис, уæд, 1937 азы, бацыд ахуыр кæнынмæ педагогон училищæмæ, фæлæ йæ кæронмæ каст нæ фæцис, акодтой йæ æфсады рæнхъытæм. 1939 азы райдыдта финæгты хæст, æмæ Гаврил уыди уыцы хæсты архайæг. Иу азы фæстæ бацыд ахуырмæ артиллерион училищæмæ. Уалынмæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст æмæ 1941 азæй 1945 азмæ уыдис тохы быдыры архайæг. Фæлæ Хуыцау ын баххуыс кодта æмæ æгасæй баззад. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы фæци, уæд, 1945 азæй 1946 азмæ Германийы нысангонд æрцыд «Комендант города»-йæ. Уырдыгæй куы сыздæхт, уæд Горæтгæрон районы фæкуыста 11 азы райкомы дыккаг секретарæй. Уый фæстæ сæрдарæй йæ райгуырæн хъæу Фарны. 1968 азы та нысангонд æрцыд парторгæй Беслæны æфсæн-бетон къæйтæ аразæн заводы. Гаврил йæ хæстон даргъ фæндæгтыл хъæбатырæй кæй фæцыд, уый тыххæй хорзæхгонд уыд майдантæй: «За оборону Москвы», «За оборону Советского Заполярья», «За победу над Германией», «За отвагу», ордентæй: «Отечественной войны», «Красной Звезды», «Ветеран Карельского фронта» æмæ æндæр хæрзиуджытæй. 1969 азы каст фæцис университет «Марксизма-Ленинизма». Гъе, ахæм адæймаг уыд нæ хъæуккаг, хæсты æмæ фæллойы ветеран Æмбалты Гаврил. Азтæ размæ згъорынц, фæлæ Гаврилы, нæ хæстон хъæбатыры ном, нæ хъæубæстæй, йæ цотæй, йæ цоты цотæй рох никуы уыдзæн. АГЪНАТЫ Земфирæ.