Æвæдза, цас тых ис цæхх æмæ кæрдзыны, кæцытæ адæмы бæттынц кæрæдзиуыл! Рагæй дæр кæрдзы...
Æвæдза, цас тых ис цæхх æмæ кæрдзыны, кæцытæ адæмы бæттынц кæрæдзиуыл! Рагæй дæр кæрдзындæттон хуыдтой Заманхъулы хъæуы цæрджыты. Уымæн æмæ йæ дуармæ уазæг куы æрлæууа, уæд æй æнæмæнг мидæмæ хæдзармæ бахондзæн. Æмæ уæлдай нæу, хи хъæуккаг у æви æндæр ранæй. Бирæ хатт-иу Заманхъулы цæргæйæ нæ хæдзар æнæ уазæг никуы уыд, уæлдайдæр та Хуымæллæджы фæсивæ-дæй. Уыдон-иу куыстой хор æфснайыны рæстæг хъæуы, æмæ сын нæ хæдзармæ фæндаг уыдис æдзухдæр гом. Æмæ æрмæст ацы хъæуæй нæ, фæлæ иннæ хъæу-тæй дæр. Æвæццæгæн, мæ фыд Дзиуæн дæр ахæм æгъдау кодтой. Æрмæст сæ куыст нæ, фæлæ сæ фæллад дæр иумæ уагътой санаториты, кæцытæн æвдисæн у мæнæ ацы къам. Ист у Дагестаны 1960 азы, цъыфæй дзæбæхгæнæн ран Каяченты. Хуызисты чи ис, уыдон кæд се 'ппæт нæ зонын, уæддæр дзы ранымайдзынæн мæнæ адоны нæмттæ: Албегаты Чермен, Хъуысаты Дзиу, Айлараты Быдти, Джимиты Таймураз, Бигъаты Темболат, йæ фырт Хъуырман, Дудиаты Дзыбытт. Æвæццæгæн, Черменæй дарддæр иннæтæ дæр сты хуымæллæггæгтæ. Адонæн цы цот баззад æмæ сæ чи зыдта, уыдонæн æхсызгон уыдзæн ацы къамы чи ис, уыдоны фенд. Уадз æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ адæм ма рох кæной, уымæн æмæ сæ æз куыдæй зыдтон, афтæмæй уый аккаг сты. Бузныг уе 'ппæтæй дæр. ХЪУЫСАТЫ Асæхмæт, Заманхъул-Беслæн.