Мӕлын зын у? Ӕнцондӕр у цӕрынӕй! — — 28 июля 2026 г. в 15:45:15.334
Мӕлын зын у? Ӕнцондӕр у цӕрынӕй! — Дӕ уд — дӕлдзӕх, уӕлӕуыл та — дӕ ном. Тӕхуды, амӕл афоныл дӕ рынӕй, Дӕ митӕй ма кӕн мацӕуыл фӕсмон! Уый нӕй, уӕд асхъиу хӕцӕны ӕмгӕрттӕй, Дӕ хӕцӕнгарз дын бахъӕуӕд сынтӕн!.. Зын у фӕцӕуын тугхъулонӕй мӕрдтӕм, У худинагӕй амӕлын зындӕр! Сӕ мӕлӕтӕй сӕ цард зындӕр у лӕгтӕн, — Цӕссыгӕй, тугӕй бафидынц сӕ рад: Ӕрыссынц сӕ куы дзуллаг, куы фӕрӕктӕ, Куыройы фыдтау, кад ӕмӕ ӕгад. Мӕлын зын у, фӕлӕ цӕрын зындӕр у, — Дӕ митӕй дӕм фыдӕвзарӕн кӕсы: Ӕргом фӕлывд цы худинаг хӕссы, Рӕстдзинад сайын уымӕй дӕр фыддӕр у! Куы райдайын мӕ зӕрдӕимӕ дзурын, Уырзӕй ӕвзарын раст дзырдтӕ, куырмау, Уӕд ӕз Хуыцауӕй иу амонд фӕкурын, — Мӕ судзгӕ уд мын ма аскъуын нырма! Цӕмӕй зӕгъон, цы раст рӕвдауын рагӕй Мӕ зӕрдӕйы! Кӕд сирвӕза мӕнӕй Фӕлывд дзырд, уӕд мӕн арвы цӕф ӕрбакӕ: Мӕ тас — ӕгад, мӕлӕты тас мӕ нӕй!

