🎤Дзӕуджыхъӕуы Вахтанговы номыл Арт-кафейы уыд Берозты Мӕдинӕйы ӕмӕ Сохъуырты Эльвирӕйы... — 26 июля 2026 г. в 22:22:41.770
🎤Дзӕуджыхъӕуы Вахтанговы номыл Арт-кафейы уыд Берозты Мӕдинӕйы ӕмӕ Сохъуырты Эльвирӕйы фыццаг сӕрмагонд музыкалон изӕр " Поэзия, прочитанная музыкой". ⚜Изӕры ма семӕ иу сценӕйыл архайдтой зарӕггӕнджытӕ Бекмӕрзты Хъазыбег, Табуты Георги ӕмӕ Аленӕ, Кцойты Аделия. Зарджытӕн музыкӕ ныффыста Берозты Мӕдинӕ! 🎼 Мадзалы азӕлыдысты Хетӕгкаты Къостайы, Цӕрукъаты Алыксандры, Хаджеты Таймуразы, Хостыхъоты Зинӕйы, Уырымты Петяйы, Дзасохты Музаферы, Касаты Батрадзы, Мамиаты Дианӕйы, Багаты Аллӕйы, Бутаты Мӕдинӕйы ныхӕстыл зарджытӕ. Изӕр рауад тынг ӕнкъарӕнджын. Зӕрдӕ сӕнкъард бӕрзонд аивадыл. Фыр цинӕй Хъӕриуы хохы цъуппыл балӕууыд ӕмӕ уырдыгӕй бынмӕ нал комы! Мах фӕнды сымах зӕрдӕтӕ дӕр барухс кӕнын ӕмӕ сӕ хӕссӕм дӕлдӕр уӕ размӕ! Мӕдинӕ ӕмӕ Эльвирӕйӕн та нӕ зӕрдӕ зӕгъы ног ӕнтыстытӕ!

