Нӕ раздӕры 'мкусӕг, нӕ абоны 'мзиууон, нӕ хӕлар, курдиатджын фыссӕг, тӕлмацгӕнӕг, журна... — 23 июля 2026 г. в 21:12:36.964
Нӕ раздӕры 'мкусӕг, нӕ абоны 'мзиууон, нӕ хӕлар, курдиатджын фыссӕг, тӕлмацгӕнӕг, журналист Джуссойты Нинӕйы Хуссар Ирыстоны Президенты хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналисты кадджын номӕй! Нинӕ уыцы хорзӕхы аккаг рагӕй у! Бирӕ азты дӕргъы у газет "Хурзӕрин"-ы уацхӕссӕг, мыхуырӕй йын рацыд цалдӕр чиныджы. Уӕдӕ йе 'рмӕджытӕн дӕр сӕ фылдӕр фыст сты Хуссар Ирыстоны цӕрджытыл, ирон адӕмы уидӕгтыл, ирондзинадыл, нӕ культурӕйыл, нӕ фысджыты цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл. Нинӕ, дӕу тыххӕй тынг ӕнцон у дзурын ӕмӕ фыссын дӕр! Ды дӕ хорз журналист ӕмӕ хорз адӕймаг! Фӕнды дӕ алкӕмӕн дӕр хорздзинад фӕуын! Ды дӕ лӕггадгӕнӕг! Дунейы фарнӕй хайджын у! Ӕнӕниз ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй дӕ царды бонтӕ арвит!

