КОЧЫСАТЫ Мухарбеджы ӕмдзӕвгӕ "Сау цӕстытӕ" кӕсы ГӔЗДӔНТЫ Булат. — 15 августа 2026 г. в 10:16:44.866
КОЧЫСАТЫ Мухарбеджы ӕмдзӕвгӕ "Сау цӕстытӕ" кӕсы ГӔЗДӔНТЫ Булат. Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон, Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд? Æхсæв цæ стъалытимӕ барстон, Уыдтæн сæ аллы бон рæвдыд. Фæлæ мæ иунæгæй ныууагътой, Мæнæй фæлыгъдысты тæргай, Æмæ мын афтæ дæр нæ загътой: "Хæрзӕбон! Хорз амонд дæ хай!" Æмæ кæд уыдонæй фæцух дæн, Æмæ кæд ферох кодтой мæн, Уæддæр сæ райдзаст хуыз рæсугъдæй Мæ зæрды баззади мæнæн. Тæхуды, абон та кæй тавынц Сæ хъармæй рухс хурау фæлмæн, Тæхуды, афтæ тынг кæй уарзынц, Куыд уарзтой цард-уалдзæджы мæн!

