СКЪÆФТ ЧЫЗГ — 3 сентября 2026 г. в 14:40:18.779
СКЪÆФТ ЧЫЗГ Хурыхъæуы иу лæг æмæ усæн райгуырдис чызг. Сывæллонæн йæ мад раджы амардис, æмæ йæ схаста йæ фыд. Чызг куыд рæзыдис, афтæ рæсугъдæй-рæсугъддæр кодта. Йæ фыд ыл æрхъæцмæ дæр нæ хъёцыди. Иу тæвд бон Хурыхъæуы лæгтæ уыгæрдæны хос карстой. Чызджы фыд Ахмæт дæр – семæ. Сихорафон Ахмæты чызг йæ фыдæн аходæн фёцæйхаста. Бирæ йæ нал хъуыди хосдзаутæм, афтæ цыдæр æрбаци, цыма йæ раст зæхх аныхъуырдта. Нал фæзындис. Адæм дисæй мардысты, агурын æй райдыдтой. Кæм æй нæ бацагуырдтой, ахæм къуым нал баззад, фæлæ – никуы ёмæ ницы. Рацыдис афæдзмæ хæстæг, афтæ Ахмæты дуар æхсæвы чидæр бахоста. Ракаст æмæ йæ чызджы ауыдта. Йæ зæрдæ фыр цинæй куыд нæ аскъуыд. Чызг уыди мæллæг, æфхæрдхуыз. Стæй йæхи ‘гъдауыл нæ уыдис, сывæллонмæ æнхъæлмæ кастис. Куы йæ бафарстой, уæд радзырдта: «Хæйрæджытæ мæ аскъæфтой. Равзæрстой мын иу хæйрæг æмæ загътой, амæ дын моймæ цæугæ у, зæгъгæ. Æз нæ куымдтон, нæхимæ мæ ауадзут, зёгъгё, дзырдтон. Фæлæ мæм хъусгæ дæр нæ кодтой. Скодтой чындзæхсæв, мæнæ махмæ куыд вæййы, афтæ. Диссаджы рæсугъд хæдзар мын радтой. Мæ лæг мын цы хæйрæджы хуыдтой, уый-иу рæсугъд лæппу фестад æмæ-иу æрбацыд. Мæн никуыдæм уагътой, фæндаг дæр нæ зыдтон. Иубон хæйрæджытæ иууылдæр кæдæмдæр ацыдысты. Æз сæ фæстæ рахъуызыдтæн æмæ ралыгътæн». Фыд æмæ йыл адæм баууæндыдысты. Иубон та Ахмæт хос кæрдынмæ ацыд, йæ чызг дæр – йемæ. Цъынайы сæрмæ схызтис, йæ фыдæн æххуыс кодта. Иуахæмы чызг ныххудтис иунæгæй, цыдæртæ амонын райдыдта, хъæр кодта: «Æндæр дæ ницы хъæуы?» Ахмæт æй куы бафарста, цы кодтай, зæгъгæ, уæд афтæ: «Æрдæбон мæм ме ‘фсин æрбацыди, сымах æй нæ федтат. Лæгъстæ мын кодта, нæ чындз дæ æмæ фæстæмæ цом, зæгъгæ. Куынæ йын бакуымдтон, уæд мæ ралгъыста: «Уæдæ дæ хъæбулы дæ цæстæй дæр ма фен, йæ тæригъæд – дæу!» Йæ афон куы ‘рцыди, сывæллон куыддæр райгуырди, афтæ йæ хæйрæджытæ аскъæфтой. Радзырдта йæ Гæздæнты Людмилæ, 60-аздзыд. Ныффыста йæ Скъиаты Зоя, Октябрыхъæу, 2008 аз

