«Цæй усæгтæ ис уыдонæй? – йæхинымæр бустæ кæны йе ‘мцахъхъæнтыл. – Лæппутимæ хъæбысæй ф... — 3 сентября 2026 г. в 14:29:22.884
«Цæй усæгтæ ис уыдонæй? – йæхинымæр бустæ кæны йе ‘мцахъхъæнтыл. – Лæппутимæ хъæбысæй фæхæцынц. Стæй худын дæр нæ зонынц. Лæппутау фæхудынц, цыма лæппутæ сты. Сылгоймаг та хъуамæ худын зона. Йæ мидбылты рæсугъд бахудын цы чызг нæ зоны, уымæй цæй усаг ис?» 📝 Алешы мысӕн бонмӕ журналы ног номыры рацӕудзӕн йӕ радзырд "Бӕхы уаргъ ӕмӕ чысыл лӕппу". Стӕй ма хӕлӕртты мысинӕгтӕ. Уӕлдӕр уыцы рӕнхъытӕ сты йӕ радзырдӕй. Ӕртындӕсаздзыд лӕппу Мурӕты йӕ ныййарджытӕ арвыстой сыхаг хъӕумӕ саргъыбӕхыл дыууӕ уӕззау уаргъбастимӕ. Хъуамӕ сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзармӕ фӕхӕццӕ кӕна. Фӕндагыл цы диссаджы лӕгӕвзарӕнты сӕрты ахызт, худинаг ӕмӕ ӕгаддзинад йӕ сӕрмӕ не рхӕсгӕйӕ, уыдон уӕхӕдӕг бакӕсдзыстут. Бахуддзыстут уӕ мидбылты дӕр. Лӕппуйы йӕ сӕнттӕ ахӕссынц усгурынмӕ. Йӕхимӕ ӕркӕсы Лӕгты дзуар! «Барæг хъуамæ Уастырджийы хуызæн фидауа бæхыл, – хъуыды кæны æмæ райы йæхинымæр, – саргъыл чи ныззылынтæ вæййы, ахæм лæгтæ фæндагыл цæугæ дæр хъуамæ ма кæниккой. Саргъыл куыд фидауыс, ууыл адæм сæ цæст куынæ æрæвæрой, уæд кæдæм хауыс бæхы рагъмæ?!»

