ГУЫЦМӔЗТЫ АЛЕШЫ РАЙГУЫРДЫЛ 10 СЕНТЯБРЫ ӔХХӔСТ КӔНЫ 75 АЗЫ — 3 сентября 2026 г. в 13:44:05.970
ГУЫЦМӔЗТЫ АЛЕШЫ РАЙГУЫРДЫЛ 10 СЕНТЯБРЫ ӔХХӔСТ КӔНЫ 75 АЗЫ 📝 Алеш райгуырд Хуссар Ирыстоны Ортъеугомы Гуыцмæзты хъæуы. 1972 азы ссис Мæскуыйы Литературон институты студент. Куыста журнал «Фидиуæджы» прозæйы хайады æмæ стæй бæрнон нымæрдарæй – йæ цыбыр царды судзаггаг адзалы бонмæ: 25 майы 1992 азмæ. Ирон литературæ бирӕ стыр курдиаттӕй равдӕлон. Алеш та, хæраймагдæр цы хæст уыд сыхаг адæмты 'хсæн, уым бацарæфтыд. Æмæ суинаг æцæг стыр фыссæгæй Ирон Аив Дзырд æнæхайæ баззад… 📝Уыдон æцæг кæй сты, былалгъæй загъд стауæн ныхæстæ кæй не сты Алешы тыххæй, уымæн цардæгас æвдисæнтæ басгуыхтысты, цы чысыл бынтæ йын баззад, уыдон дæр: радзырдтæ, уацаутæ, аргъæуттæ, роман «Дæ уды фарн». Фыссæджы дæсны æрмдзæфыл ма кæд цин кæнынхъом стæм, уый иртасынмæ ма кæд арæхсæм, аив дзырд цæмæйты, цæйты фæрцы свæййы дзырдаивады хæзнадоны æвæринаг, бæрзонд аивады рæгъмæ хæссинаг, уæд нын ахæмтыл æнæбанымайгæ нæй Алешы зонд, зæрдæ æмæ курдиаты хъомысы руаджы æнæмæлгæ фыстытæн.

