ХЪОДЗАТЫ Ӕхсар
ХЪОДЗАТЫ Ӕхсар Алеш дӕр ацыд. Аззадыстӕм сагъдӕй, зӕрдӕпырхӕй, ӕмырдзыхӕй, ӕндзыгӕй. Уый фервӕзтис йӕ мӕлӕтӕй, йӕ цардӕй, йӕ хӕлӕрттӕй, йӕ идӕдзы цӕссыгтӕй, йӕ сидзӕртӕй, йӕ сау къонайӕ, й‘ артӕй, нӕ мӕнгтӕ ӕмӕ не ‘цӕгтӕй, нӕ фынгӕй… Кӕсы нӕм ныр ӕрвдалынгӕй цъӕх зынгӕй ӕмӕ уыны нӕ сымсым-бырсым дардӕй. Цӕсткӕсӕнтӕ йӕ нал хъӕуы: зыны йӕм нӕ алы нуар дӕр, чи цы у, уый зоны, уый зӕдты фарсмӕ баддзӕнис тӕрхоны – ыстӕм йӕ быны растӕй уа, зылынӕй. …Ӕмӕ кӕлы ӕргом-сусӕг мӕ цӕссыг… Ӕмӕ мӕ ‘взоны, мары мӕ КЪӔМДЗӔСТЫГ.