Мады Майрӕмы Уӕлӕмӕсыг Куырттаты комы.
Мады Майрӕмы Уӕлӕмӕсыг Куырттаты комы. - О Мады Майрӕм, табу дын уæд, не стыр ныфс, нæ уæларвон мад. -Оммен, Хуыцау! -Hæ чындздзон чызджытæ-чъиригæнджытæ, Дӕ хорзӕх сæ уæд! -Оммен, Хуыцау! -Не'взонг лӕппутæ - дӕ омменгӕн- джытæ, Дӕ хорзӕх сæ уæд -Оммен, Хуыцау! О сыгъдæг Мады Майрам, нæ усгур лæппутæ дӕ кусартгæнджытæ, Дӕ хорзӕх сӕ уӕд. -Оммен, Хуыцау! -О Мады Майрӕм, табу дын уӕд, Алы къуыппыл дæ кувæндæттæ æмæ алкæмæн дӕр æххуысгæнæг у. -Оммен, Хуыцау! О сыгъдæг Мады Майрам, нӕ усгур -Оммен, Хуыцау! -Сыкъаджын галтæ, бурхъус нӕл фыстдæ нывондæгтæ. -Оммен, Хуыцау! О сыгъдæг Мады Майрӕм, нæ сабитæтæ де уазæг. -Оммен, Хуыцау! -Сыгъдæг Мады Майрӕм, ӕвӕстаг адæм дæм зæнæгмæ кувынц Æмæ сæ дæ хорзӕх уӕд! -Оммен, Хуыцау! -Кæмæн цы радтай, Мады Майрӕм, Уый та цӕринаг куыд уа, уыцы хорзӕх сæ уæд. -Оммен, Хуыцау! -О сыгъдæг Мады Майрӕм, дӕ арфæтӕ - чындзы гуыбыны, табу дын æрбауа. -Оммен, Хуыцау! -О сыгъдæг Мады Майрӕм, Сыгъдæг зӕрдæйæ дæм кувӕм æмæ нæ дӕ хорзӕх уӕд. -Оммен, Хуыцау!