Букуылты Андрейы аивадæн аргъ чи кæны, уыдон та тынг цымыдисæй æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй...
Букуылты Андрейы аивадæн аргъ чи кæны, уыдон та тынг цымыдисæй æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй тагъд рæстæджы æвдисæн уой йӕ ист къамты сæрмагонд равдыстæн Ирыстоны. Алы кадр дæр – цардæгас, бауадзы дзы уд. Хуымæтæг сосæ фæндаг. Алы бон дæр ыл дыууæрдæм кæнæм, фæлæ йын йæ рæсугъддзинад фенæм, æрмæст æй Букуылы-фырт нæ размæ куы рахæссы, уæд. Дидинæг æмæ дидинæг. Фæлæ нæм Андрейы ист къамæй йæ хæрздæф дæр ракæлы, йæ разæй адæймаджы йæ къах дæр нал фæхæссы. Зæронд хæдзар. Æнæуи бон махæй бирæтæ йæ фæрсты ацæуиккой. Фæлæ та йæ нæ къамисæг йæ социалон хызæджы куы равдисы, уæд нæ æрфæнды йæ мидæг æрцæрын. Изæрыгон дзы мыдадзын цырагъ ссудзын æмæ стъолы уæлхъус ирон дзæбæх чиныг арафæлдах-бафæлдах кæнын, цъырцъырæгты зарынмæ байхъусын. Гом рудзынгæй та кæлы рог уддзæф… Уый та уын нæ хæхтæ, нæ мæсгуытæ, нæ цæугæдæттæ, нæ фысты дзугтæ, быдыртæ, цæрæгойтæ, ирон лæджы уд. Кæрон нæй къамисæджы уарзондзинадæн цардмæ, йæ адæммæ, æрдзмæ, йæ уидæгтæм, аивадмæ, Хуыцау зæххыл цы сфæлдыста, уымæ… #букуылтыандрей #фӕтӕген #журналмахдуг