Æрмдæсныдзинадæн раджы дæр æмæ ныр дæр царды стыр аргъ ис. Ахæм адæймæгтæ æхсæнады сты...
Æрмдæсныдзинадæн раджы дæр æмæ ныр дæр царды стыр аргъ ис. Ахæм адæймæгтæ æхсæнады сты хъæугæ, агуырд. Сæ къухты хъарм цыма цы саразынц, уыдонæй алцæуыл дæр баззайы, афтæ фæкæсы адæймагмæ. Уæдæ пайда дæр вæййынц йæхицæн дæр, адæмæн дæр. Дæнцæгæн æрхæсдзынæн Хуымæллæджы цæрæг Хъайтмазты Алыксандры. Хъæуы у нымад, аргъ кæмæн кæнынц, ахæм лæг. Æфсæйнагæй йæ дыууæ къухæй алцыдæр скæндзæн, тынг сæрæн у цавæрфæнды машинæ сцалцæг кæнынмæ дæр, ноджы хуызæн æй саразы. Йæхицæн та зæронд рог машинæйы ивæн хæйттæй сарæзта æртæ чысыл тракторы.
Канал в каталоге Максиметера
53 подписчиков · Госорганы и учреждения