ИРЫСТОН
ИРЫСТОН Нæ зынаргъ Ирыстон, Цæй диссаг дæ ды! — Ды махæн дæ райгуырæн Уарзон бæстæ! — Дæ уæлдæф сыгъдæг у, Дæ хæхтæ бæрзонд, Дæ дæттæ фæйлауынц, Дæ адæм æмзонд! — Æгъдауæй фидауыс..! — Дæ фарн - мæ амонд! — Сæ кадыл архайынц Фæсивæд æвзонг. Мæн фæнды, дæ райдзаст Дæ фидæны бон, Рæсугъд уа дæ бакаст, Фыдæлты фæндон! — Автор: МАЛИТЫ Фатимӕ #журналкӕсӕджысфӕлдыстад
54 просмотров