ӔРЫГӔТТЫ ӔРМДЗӔФ
ӔРЫГӔТТЫ ӔРМДЗӔФ Æхсызгонæй уæ зонгæ кæнæм нæ ног автор ХУЫБИАТЫ Иосифы фырт Георгиимæ. Райгуырд 2002 азы Хуссар Ирыстоны г. Цхинвалы. Схъомыл Медзыдагомы, Вилдӕйы хъӕуы. Астæуккаг ахуырад райста Гуырдзыстоны. 2024 азы ахуыр кӕнынмӕ бацыд ЦИПУ-йы ирон филологийы факультетмæ. У æртыккаг курсы студент. Фыссы прозаикон уацмыстӕ, йæ удæн æхцондæр сты зонадон куыстытӕ - этимологи ӕмӕ диалектологийы фӕрстытӕ. Уымæй уæлдай Георги у æгъдауджын кæстæр канд йæ бинонтæн нæ, фæлæ мыгаггæн дæр! Ныридæгæн активонæй архайы мыггаджы советы, у дæнцæг иннæтæн дæр. Нæ зæрдæ йын зæгъы æнтыстдзинæдтæ йæ равзæрст сфæлдыстадон фæндагыл!