ХУЫБИАТЫ Георги
ХУЫБИАТЫ Георги КӔДДӔРЫ РАЙСОМ Миниатюрӕ Уыцы райсом баззад мӕ хъуыдыйы, уыцы райсоммӕ тырнын ныр дӕр... Нӕ сахат къулыл цъыкк-цъыкк кӕны, нӕ хъӕуы бынмӕ Медзыдайы дон сӕр-сӕр кӕны... Хуры тын мӕм рудзынгӕй худы ӕмӕ алцыдӕр у урс: мӕ хъӕццул, мӕ хӕдон, мӕ баз дӕр... Нана йӕ хуыссӕнуаты рабадт ӕмӕ сусӕгӕй кувы: «Сабырдзинадхӕссӕг райсом фӕу мӕ адӕмӕн, Хуыцау, мӕ уд дӕ фӕхъхъау!» Ныр хохы нӕ ныллӕг хӕдзар ӕнкъардӕй лӕууы, мӕ авдӕн ӕрлӕууыд йӕ узынӕй ӕмӕ йӕхӕдӕг бафынӕй уӕлхӕдзар, сывӕллон аузынмӕ ‘нхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ. Мӕнӕн та уыцы райсом баззад мӕ хъуыдыты, ӕмӕ уыцы райсоммӕ бӕллын ныр дӕр...